филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:01 воскресенье, 01 февраля 2026
25 января 2022, 12:51
Мæздæджы механикон-технологон техникумы студенттæн экскурси арæзт  æрцыд  районы пъæлицæйы хайадмæ

Æппæтуæрæсеон акци «Студентон десант» æххæст кæнгæйæ, йæ архайджытæ федтой эксперттæ-криминалисттæ, æнахъом сывæллæтты фарстаты фæдыл инспектортæ æмæ кинологтæ куыд кусынц, уый

Мæздæджы механикон-технологон техникумы студенттæн экскурси арæзт  æрцыд  районы пъæлицæйы хайадмæ. Æппæтуæрæсеон акци «Студентон десант» æххæст кæнгæйæ, йæ архайджытæ федтой эксперттæ-криминалисттæ, æнахъом сывæллæтты фарстаты фæдыл инспектортæ æмæ кинологтæ куыд кусынц, уый.  Уымæй дарддæр ма бабæрæг кодтой Мæздæджы милицæйы историйы музей дæр. Студенттæ базыдтой бирæ ног хабæрттæ. Зæгъæм, районы мидхъуыддæгты хайады куыстмæ чтыр æвæрæн чи бахаста, уыцы адæмы нæмттæ. Уæлдай цымыдисагдæр та фæсивæдмæ фæкасти хицæн стенд. Уым æвдыст цæуы, агурджытæ цы экспонаттæ скъахтой, уыдон. Агурæн къорды разамонæг æмæ æхсæнадон архайæг МахмадИ ДАулетов радзырдта сæ архайды тыххæй. Лæппутæн æмæ чызджытæн та бахаста фæндон, цæмæй уыдон дæр баххæст кæной агурджыты рæнхъытæ. Кинологтæ равдыстой, службæгæнгæ куытимæ куыд кусынц, уый. Фæндаггон пъæлицæйæгтæ та радзырдтой сæ машинæты тыххæй. Фæсивæдæн цымыдисаг уыди, фæндаггон патрулон службæйы транспортон фæрæзы тыххæй базонын, стæй инспектортæ фæндагыл куыд кусынц, уый тыххæй дæр. Экскурсийы фæстæ фæсивæд радзырдтой сæ хъуыдыты тыххæй. Чи зоны æмæ дзы чидæртæ равзарой ацы дæсныйад дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania