филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:18 вторник, 16 декабря 2025
30 мая 2025, 10:49
Мæздæджы мэр Тугъанты Иринæ радзырдта, бюджетмæ æфтиæгтæ кæцæй цæуы, æмæ йын йæ гæнæнтæ куыд фæуæрæхдæр кæнын ис, уый тыххæй

Загъта хæрдзты сæйраг статьяты тыххæ

Мæздæджы администрацийы хъæппæрисæй арæзт æрцыд цæрджыты, волонтерты, æхсæнадон хиуынаффæйады минæвæртты, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы специалистты, горæты минæвæртты æмбырды депутатты фембæлд мэр Тугъанты Иринæимæ. Сæйраг фарста уыд «Бюджеты æхца цæуыннæ фаг кæны?» Тугъанты Иринæ радзырдта, бюджетмæ æфтиæгтæ кæцæй цæуы, æмæ йын йæ гæнæнтæ куыд фæуæрæхдæр кæнын ис, уый тыххæй. Загъта хæрдзты сæйраг статьяты тыххæй. Фембæлды ма æрныхас кодтой, горæты ма цавæр объекттæ хъæуы, æмæ æхсæнадмæ цы цæстæнгас ис, Мæздæджы райрæзтмæ, уый тыххæй. Мадзалы ма волонтерты æмæ æхсæнадон архайджыты схорзæхджын кодтой бузныджы гæххæттытæй районы центры царды ахадгæ архайды тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania