филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:37 понедельник, 15 декабря 2025
14 октября 2025, 11:34
Мæздæджы микрорайонтæй иуы цæрджытæ фæсидтысты Адæмон фронты мнæвæрттæм

Адæм тыхсынц, сæ фарсмæ зæххы хайы арæзтад куы райдыдта, уый фæстæ цы риссаг фарстатæ сæвзæрд, уымæй

Мæздæджы микрорайонтæй иуы цæрджытæ фæсидтысты Адæмон фронты мнæвæрттæм. Адæм тыхсынц, сæ фарсмæ зæххы хайы арæзтад куы райдыдта, уый фæстæ цы риссаг фарстатæ сæвзæрд, уымæй. Цавæр объект дзы уыдзæн, уый цæрджытæн нæ фехъусын кодтой. Сæ хæдзар та фазтæ кæнын райдыдта. Адæм ма хъаст кæнынц, куыстыты тыххæй æхсæнадон транспорты æрлæууæн æндæр бынатмæ кæй ахастой, уымæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Пъадвалы ацы фаз хæдзары цæрджытæ рабæрæг кодтой, сыхаг зæххы хайыл арæзтадон техникæ кусын куы райдыдта, уыцы бон. Куыд зæгъынц, афтæмæй арæзтад æнæнхъæлæджы райдыдта. Сентябры райдиан айхъуысти уынæр. 3 мин квадратон метры хай сæхгæдтой быруйæ, уый фæстæ та мæймæ дзыхъхъ скъахтой. Ацы бынаты цы саразынмæ хъавынц, уый адæм нæ зонынц – объекты паспорт нæй. Сæ хъуыдымæ гæсгæ дзы уыдзæн бирæуæладзыгон хæдзар.

Бекъойты Маринæ Мæздæджы ацы хæдзары цæры 20 азы бæрц. У активисткæ. Сæ бирæфатерон хæдзары æппæт фарстатыл архайы. Адæм сахуыр сты, исты куы æрцæуы, уæд уайтагъд бадзурынц Маринæмæ. Уый бацархайы уавæр сбæлвырд кæныныл. Ацы хатт йæхи хъарутæй хъуыддаг равзарын нæ бантыст, уымæ гæсгæ сылгоймаг фæсидт Адæмон фронтмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цалдæр азы размæ ам арæзтой сывæллæтты рæвдауæндон, фæлæ йæ кæронмæ фæуын нæ бантыст. Æрдæгарæзт бæстыхайы ма сæвзæрд бырондон дæр. Уый дæр цæрджыты зæрдæмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ цыд. Разы не сты, ног арæзтады тыххæй æхсæнадон транспорты æрлæууæн æндæр бынатмæ кæй ахастой, уыимæ дæр.

Адæм сæ хъаст бахастой Мæздæджы администрацимæ дæр. Ныффыстой коллективон фыстæг республикæйы сæргълæууæджы номыл, стæй прокуратурæмæ. Куыд сбæрæг ис, афтæмæй зæххы хай аразæгмæ арендæйы официалон æгъдауæй ис. Территорийы иу хайы уыдзæн иууæладзыгон арæзтад фидæны ахуырадон центрæн, уый тыххæй йæм ис проект æмæ аразыны бар. Фæлæ ныртæккæ куыстытæ æрлæууын кодтой.

Адæмон фронты минæвæрттæ сæмбæлдысты аразæгимæ. Камерæмæ дзурыныл не сразы, фæлæ бамбарын кодта, йæ арæзтад цæрджыты хæдзæрттæ нæ сæхгæндзæн. Уыимæ загъта, фидæны дзы фæнд кæны 3-уæладзыгон цæрæн хæдзар скæнын, фæлæ иннæрдыгæй.

Фарста алыг кæныны мадзал ссардтой. Æрмæст цæрджытæ дызæрдыг кæнынц, аразæг куыд зæгъы, алцыдæр афтæ кæй уыдзæн, ууыл. Æмтгæй райсгæйæ, иууæладзыгон бæстыхай аразыныл разы сты, сæйрагдæр сын у, цæмæй сæ хæдзар хъыгдард ма баййафа, стæй транспорты æрлæууæн фæстæмæ йæ бынаты уа. Адæмон фронты минæвæрттæ фарстамæ цæст дардзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania