филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:01 воскресенье, 01 февраля 2026
30 мая 2024, 12:17
Мæздæджы радон хатт арæзт æрцыд регионалон фестиваль «Хъазахъхъæгты намыс»

Районы культурæйы галуаны æрæмбырд сты хъазахъхъæгты æхсæнадты минæвæрттæ, куыд бынæттон коллективтæ, афтæ сыхаг регионты минæвæрттæ дæр

Мæздæджы радон хатт арæзт æрцыд регионалон фестиваль «Хъазахъхъæгты намыс». Районы культурæйы галуаны æрæмбырд сты хъазахъхъæгты æхсæнадты минæвæрттæ, куыд бынæттон коллективтæ, афтæ сыхаг регионты минæвæрттæ дæр. Ирд кафæн номыртæ, хæдбындур зарджытæ, цымыдисаг уæлæдарæс. Алцыдæр дисы бафтыдта мадзалы уазджыты. Æппæтæй зындгонд мелодитæ та акодтой иууылдæр иумæ.  Фестиваль саразджытæ та ацы хатт дæр уыдысты Мæздæджы хæлардзинады Хæдзар æмæ районы хъазахъхъæгты æхсæнады минæвæрттæ. Форумы æппæт архайджыты схорзæхджын кодтой зынаргъ призтæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania