филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:27 суббота, 28 сентября 2024
28 января 2022, 12:01
Мæздæджы районы æфсæддон комиссарады арæзт цæуынц мадзæлттæ, сæрмагондæй скъоладзаутæн

Æфсæддон хыгъды слæууыны размæ лæппутæ дæттынц тестытæ, ацæуынц медицинон къамисы æркаст, æмæ архайынц æфсæддон-патриотон хъомылады темæимæ баст лекциты

Мæздæджы районы æфсæддон комиссарады арæзт цæуынц мадзæлттæ, сæрмагондæй скъоладзаутæн. Æфсæддон хыгъды слæууыны размæ лæппутæ дæттынц тестытæ, ацæуынц медицинон къамисы æркаст, æмæ архайынц æфсæддон-патриотон хъомылады темæимæ баст лекциты. Мæздæджы фæсивæдимæ фембæлдтытæм æрбахонынц службæйы ветеранты, æмæ «Хæстон æфсымæрады» уæнгты. Ахæм куыст пайда хæссы куыд фæсивæдæн, афтæ æфсæддон службæйы специалисттæн дæр. Фæсивæдæн æххуыс кæнынц сæ гæнæнты æмвæзад базоныны хъуыддаджы. Ома лæппутæн баххуыс кæнынц равзарын – цавæр æфсæдты æрлæууынмæ цæттæ сты, уый. Хистæртæ та уымæ гæсгæ снысан кæнынц сиддонты хыгъд. Æдæппæтæй 500 лæппуйы Мæздæджы районæй 2022-æм азы сæвæрдзысты æфсадмæ сиддонты хыгъды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania