филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:41 воскресенье, 01 февраля 2026
11 июля 2024, 12:10
Мæздæджы районы æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæйы хъазахъхъæгтæ ард бахордтой Мæздæджы сæйраг аргъуаны

Æфсæддон æхсæнады уæнгтæ æркуывтой уазнывты цур æмæ райстой протоиерей Артемий Пономаренкойы арфæ

Мæздæджы районы хъазахъхъæгты æхсæнады минæвæрттæ æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæйы хъазахъхъæгтæ ард бахордтой Мæздæджы сæйраг аргъуаны. Æфсæддон æхсæнады уæнгтæ æркуывтой уазнывты цур æмæ райстой протоиерей Артемий Пономаренкойы арфæ. Ардбахæрд хъазахъхъæгтыл æвæры Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны æмæ сæ граждайнаг хæс æнæрынцойæ æххæст кæныны хæс. Кадджын мадзалы архайдтой хъазахъхъæгты æфсæддон-патриотон клубты хъомылгæнинæгтæ, æмæ сæ хистæр хæлæрттæ. Ног фæлтæрæн арфæйы ныхæстæ загътой атамантæ – Мæздæджы хъазахъхъæгты æхсæнадты разамонджытæ. Хъазахъхъæгтæ Мæздæджы зæххытыл ног кæнынц рагон традицитæ. Раздæр иу ардбахæрды кадджын мадзал ацыд горæты фидары цур.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania