филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:18 воскресенье, 01 февраля 2026
20 декабря 2019, 15:27
Мæздæджы районы æвæрынц æвæстиаты хъусынгæнæн системæйы комплекс

Хъæрæй дзурæн кусæнгæрзтæ кæм сæвæрдзысты, уый равзæрстой, 2002-æм азы донивылды фæстиуджытæн хатдзæгтæ кæнгæйæ

Мæздæджы районы æвæрынц æвæстиаты хъусынгæнæн системæйы комплекс. Хъæрæй дзурæн кусæнгæрзтæ кæм сæвæрдзысты, уый равзæрстой, 2002-æм азы донивылды фæстиуджытæн хатдзæгтæ кæнгæйæ. Уæд Терчы цæугæдон йæ былтæй акалди, æмæ уый аххосæй доны бын фесты горæты æмæ районы цалдæр хъæуы территоритæ. Сæрмагонд кусæнгæрзты фæрцы адæмæн æнæнхъæлæджы цауты тыххæй хъусын кæндзысты сигналты фæрцы æмæ ныхасæй дæр. Текстытыл куыстой граждайнаг хъахъхъæнынады æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты специалисттæ. Цыфæнды фыдбылызы рæстæг дæр адæмæн сæ бон уыдзæн сæ хæдзæрттæй рацæуæн æнæ уæлдай тыхстдзинадæй. Стæй ма сын хъусын кæндзысты, рæстæгмæ кæй æрлæууæн уыдзæн, ахæм бынæтты тыххæй. Афæдзы кæронмæ подрядон организаци фæуыдзæн комплексон системæйы монтаж. Фыццаг рæстæг кусæнгæрзтæ фæлвардзысты тесты хуызы. Хæстæгдæр рæстæг та нысан кæнынц, ныридæгæн кæй сæвæрдтой, уыцы хъæрæйдзурæнтæ бафæлварын. Уым архайдзысты республикон къамисы уæнгтæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania