Афтæмæй хистæртæн фадат уыд иумæйаг фæлварæны æппæт къæпхæнтæ ацæуынæн: аудитори равзарын, бланктæ баххæст кæнын, æмæ афтæ дарддæр
Мæздæджы районы арæзт æрцыд æрвылазон акци «Иумæйаг паддзахадон фæлварæн ныййарджытæн». Афтæмæй хистæртæн фадат уыд иумæйаг фæлварæны æппæт къæпхæнтæ ацæуынæн: аудитори равзарын, бланктæ баххæст кæнын, æмæ афтæ дарддæр. Мадзал саразджытæ ма равдыстой, æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, уый. Зæгъæм, сæрмагонд бланк хæлд куы рцæуа, æнæнхъæлæджы исчи телефонæй куы рбадзура, кæнæ искæмæ, шпаргалкæ кæй хонынц, ахæм æмбæхст æххуысгæнæн æрмæг куы ссарой. Æппæт ацы хъуыддæгтæ æвзæрырдæм ахаддзысты, иумæйаг падддзахадон фæлварæн чи дæтта, уыцы адæймаджы статусыл. Кæд æмæ ахæм цаутæ раиртасой, уæд ахуыргæнинагæн фæлварæн раттыны фадат нал уыдзæн, æмæ аттестат ацы аз нæ райсдзæн. Фæлæ ис иу фиппаинаг. Сæрмагонд аххосæгтæ куы уа, уæд ахуыргæнинагæн йæ бон уыдзæн иумæйаг фæлварæн раттынмæ уæлæмхасæн бон æрбацæуын. Акци саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ныййарджытимæ ахæм мадзæлттæ сты тынг пайда.




