16 июня 2022, 12:29
Мæздæджы районы арæзт æрцыд форум «Вековые традиции моздокских кабардинцев»
Æрбахуыдтой йæм уазджыты Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ, Адыгейæ, фæсарæнтæй
Мæздæджы районы арæзт æрцыд форум «Вековые традиции моздокских кабардинцев». Æрбахуыдтой йæм уазджыты Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ, Адыгейæ, фæсарæнтæй. Иумæйаг истори, традицитæ æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын, фæлтæрты бастдзинад – тымбыл стъолы уæлхъус уазджытæ æмæ эксперттæ æрныхас кодтой алыхуызон фарстатыл. Уазджытæ ма бабæрæг кодтой районы намысы бынæттæ. Бæрæгбон арæзт æрцыд Октябры революцийы 50 азы номыл фæзы. Архайдтой дзы Мæздæджы хæлардзинады хæдзары национ-культурон æхсæнадтæ. Равдыстой национ сувениртæ, костюмтæ, алы адæмты хæринæгтæ. Азæлыд кæсгон, стæй уырыссыг æмæ ирон музыкæ.
темæмæ гæсгæ