филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:52 среда, 17 декабря 2025
01 июля 2021, 13:37
Мæздæджы районы арæзт æрцыд футболæй турнир сывæллæтты хсæн

Бацархайдтой дзы 7 командæйы

Мидхъуыддæгты министрады Æхæснадон советы архайдæй Мæздæджы районы арæзт æрцыд футболæй турнир сывæллæтты хсæн. Бацархайдтой дзы 7 командæйы. Се хсæн куыд фæлтæрдджын спортсментæ, афтæ ацы спорты хуыз уарзджытæ. Турнир рауад ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Уæлдайдæр та дисы бафтыдта чызджыты командæ. Кæд фæхæрд сты, уæддæр сын сæ хъазт хорзыл банымадтой. Æхсæнадон совет снысан кодта сæрмагонд приз чызджытæн. Иу командæ та ссыд Цæцæны республикæйæ. Уазджытæ равдыстой хорз спортивон цæттæдзинад, рацыдысты æрдæгфиналмæ. Фæлæ кæронбæттæн фембæлды фæхæрд сты Мæздæджы фыццæгæм спортивон скъолайы футболисттæн. Кадджын æмбырды турнир саразджытæ уæлахиздзаутæн радтой кубоктæ æмæ грамотæтæ. Схорзæхджын кодтой хуыздæр футболистты дæр. Кæронбæттæны сæ ппæтæн дæр байуæрстой сæлдæг. Адджинæгтæ та балæвар кодтой мæздæггаг пъæлицæйæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania