филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:36 понедельник, 15 декабря 2025
11 декабря 2019, 12:52
Мæздæджы районы арæзт æрцыд куысты бынæтты армуркъа

Культурæйы галуаны бацæуæны равæрдтой сæрмагонд информацион фæйнæджытæ

Мæздæджы районы арæзт æрцыд куысты бынæтты армуркъа. Культурæйы галуаны  бацæуæны равæрдтой сæрмагонд информацион фæйнæджытæ. Архайдтой дзы куыд паддзахадон, афтæ Мæздæджы районы хи куыстуæттæ дæр. Уыимæ ма дзы базонæн уыд, Æппæтуæрæсеон иумæйаг базæйы цы куысты бынæнттæ ис, уыдоны тыххæй информаци. Куыстæй æххæстгæнæн центр аразы фадæттæ æндæр дæсныйад райсынæн.  2019-æм азы центры специалистæм куыстагур æрбацыд дыууæ мин адæймаджы, фæлæ дзы кусын та райдыдта 100 –йы онг.  Афтæ гыццыл адæм кæй ссарынц сæ бынæттæ, уый  аххосаг у –  кандидаттæ кæнæ сæ кармæ гæсгæ, кæнæ сæм фæлтæрддзинад кæй нæ вæййы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania