филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:35 пятница, 17 мая 2024
30 декабря 2021, 12:04
Мæздæджы районы арæзт æрцыд немыцаг культурæйы фестиваль

Йæ саразыныл бакуыстой  Мæздæджы Хæлардзинады Хæдзар æмæ немыцаг национ-культурон æхсæнад «Возрождение»

Мæздæджы районы арæзт æрцыд немыцаг культурæйы фестиваль. Йæ саразыныл бакуыстой  Мæздæджы Хæлардзинады Хæдзар æмæ немыцаг национ-культурон æхсæнад «Возрождение».  Се мдзæвгæтæ æмæ зарджытæ немыцаг æвзагыл бацæттæ кодтой Виноградныйы хъæуы æмæ Тельмæны поселочы скъолаты ахуырдзаутæ. Традицимæ гæсгæ скъолаты ахуыр кæнынц немыцаг æвзаг, уæвгæ та хъæуты цæрынц немыцаг диаспорæйы минæвæрттæ. Бирæ не сты, фæлæ зæрдиагæй ахуыр кæнынц сæ фыдæлты истори, хъахъхъæнынц бинонты рагон дзаумæттæ. Уымæй дарддæр бастдзинад нæ сафынц, 90-æм азты Германимæ цæрынмæ чи ацыд, уыдонимæ. Фестивалы архайджытæн радтой кады гæххæттытæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania