филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:13 вторник, 18 июня 2024
02 декабря 2021, 11:49
Мæздæджы районы бархионтæ медицинон кусджытæн æххуыс кæнынц рынчынтæн лæггад кæныны хъуыддаджы

Цæуынц сæм сæ хæдзæрттæм

Акци «Мах стæм иумæ»-йы волонтерты клубы архайд æххæст кæнгæйæ, Мæздæджы районы бархионтæ медицинон кусджытæн æххуыс кæнынц коронавирусæй рынчынтæн лæггад кæныны хъуыддаджы. Цæуынц сæм сæ хæдзæрттæм. Рынчынты нымæц ныртæккæ фæфылдæр цалдæр хатты, уымæ гæсгæ ацы æххуыс у ахадгæ. Уæлдай ахсджиаг у рынчынты ласыны фарста, зæгъынц районы æнæниздзинадхъахъхъæнынады медицинон куыстуæтты. Автоволонтертæ медикты баласынц, сæхи амбулаторон уагæй чи дзæбæх кæны, уыцы пациенттæм. Алы бон дæр бацæуынц 10 адрисмæ. Акцийы архайджыты артагæй сифтонг кæнынц парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайадæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania