филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:14 суббота, 28 сентября 2024
07 декабря 2021, 12:15
Мæздæджы районы кадджын уавæры байгом кодтой, Кавказ хъахъхъæнджыты ног цалцæггонд цыртдзæвæн

Сармадзан мемориалæн лæвæрд æрцыд, Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады ракетон-артиллерион сæйраг управленийы уынаффæмæ гæсгæ

Мæздæджы районы кадджын уавæры байгом кодтой, Кавказ хъахъхъæнджыты ног цалцæггонд цыртдзæвæн «Пушка». Æрбаластой йæ сæрмагонд машинæйæ Курганы облæстæй. Сармадзан мемориалæн лæвæрд æрцыд, Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады ракетон-артиллерион сæйраг управленийы уынаффæмæ гæсгæ. Мемориалы рацарæзты активонæй архайдтой Мæздæджы магистральты газуадзыны управленийы кусджытæ. Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, ветеранты советы æмæ хæстон æфсымæрады минæвæрттæ. Уымæй дарддæр хуынд æрцыдысты хъæуты сæргълæуджытæ стæй районы цæрджытæ. Хъыгагæн, бонæй-бонмæ ветеранты рæнхъытæ къаддæрæй къаддæр кæнынц, фæлæ уыимæ сæ нæмттæ рох не сты. Ахæм хъуыдыйыл хæст уыдысты митинджы архайджытæ. Поселок Калининскийы цæрджытæн æмæ мадзалы уазджытæн сæ зæрдæтæ барухс кодтой æвзонг æфсæддонтæ æмæ вокалон къорд  «Мы – моздокчане». Цыртдзæвæны раз сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania