Цыртдзæвæн фæстаг хатт цалцæггонд уыди 1977-æм азы
Мæздæджы районы Калининскийы поселочы кусынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæгæй чи баззад, ахæм номарæн бынат рацаразыныл. Цыртдзæвæн фæстаг хатт цалцæггонд уыди 1977-æм азы. Абон номарæн объект æмæ йæ алыварс территори аив кæнынц арæнхъахъхъæнæг æфсæдты Цæдисы тыхтæй. Æхсæнады минæвæрттæ йын ныффидар кодтой йæ бындур, архайынц цыртдзæвæнмæ бацæуæнтæм базилыныл дæр. Сæвæрдтой дзы рухсытæ. Ныр хорз зындзæн æхсæвыгон дæр. Арæнхъахъхъæнджытæ сæ размæ сæвæрдтой хæс цыртдзæвæн æппæты нырыккондæр кусæн æрмæгæй рацаразын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы бынат уыди Мæздæгмæ бацæуæны хъахъхъæнæн пункттæй иу. Арæзт æрцыди, фронты фæсчъылдым чи архайдта, уыдоны тыхтæй. Ахæм хъахъхъæнæн фæрæзтæ ахадгæ æххуыс уыдысты Сырх Æфсæдтæн немыцаг фашистты ныхмæ тох кæныны.
