филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:25 воскресенье, 01 февраля 2026
29 ноября 2022, 17:07
Мæздæджы районы культурæйы хæдзары байгом Челæхсаты Магрезы куыстыты равдыст

Сты алы жанрты конд: пейзажтæ, натюрморттæ æмæ портреттæ

Мæздæджы районы культурæйы хæдзары байгом Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Челæхсаты Магрезы куыстыты равдыст. Сты алы жанрты конд: пейзажтæ, натюрморттæ æмæ портреттæ. Сыгъдæг сыфыл – иу сныв кодта ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ, национ культурæ, адæймаджы æмæ æрдзы рæсугъддзинад. Стыр æвæрæн бахаста национ æрдзы нывты райрæзтмæ. Абон у Ирыстоны ирддæр нывгæнджытæй иу. Бахæссæн æй ис нырыккон Уæрæсейы мастерты хыгъдмæ. Бирæ нывгæнджытæ йæ нымайынц сæ ахуыргæнæгыл. Уыдоны хсæн Мæздæджы районы цæрджытæ дæр. Равдыст фенæн уыдзæн декабры кæронмæ. Нывтæм бакæсыны фадат уыдзæн алы адæймагæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania