филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:27 суббота, 06 декабря 2025
15 марта 2025, 10:25
Мæздæджы районы паддзахадон оргæнты кусджытæ се вæрæн бахастой, Уæрæсейаг æхæснад «Знание» цы мадзæлттæ аразы, уыдонмæ

Федералон рухстауæн проектмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты лекцитæ, сæрмагондæй фæллойы æмæ социалон рæзты Министрады кусджытæн

Мæздæджы районы паддзахадон оргæнты кусджытæ се вæрæн бахастой, Уæрæсейаг æхæснад «Знание» цы мадзæлттæ аразы, уыдонмæ. Федералон рухстауæн проектмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты лекцитæ, сæрмагондæй фæллойы æмæ социалон рæзты Министрады кусджытæн. Мадзал уыд Мæздæджы, æмæ сси егъау рухстауæн куысты иу хай. Афтæмæй фылдæр кæнынц паддзахадон кусджыты зонындзинæдтæ историйæ, культурæйæ, экономикæйæ æмæ геополитикæйæ. Лектор уыд Æрыдоны районы ахуырады департаменты разамонæг Багаты Ибрагим. Фембæлдмæ хуынд æрцыдысты фæллойы æмæ социалон рæзты министрады бæрны цыппар организацийы специалисттæ. Ацы мæй ма ахæм рухстауæн лекцитæ ацæудзысты ахуырады æмæ наукæйы Министрады дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania