филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:53 суббота, 21 сентября 2024
11 июля 2019, 12:52
Мæздæджы районы пъæлицæйы хайады уыди патрулон службæйы минæвæрттæ, дины куысджыты æмæ æхсæнадон советы фембæлд

Мидхъуыддæгты министрады оргæнты куыст кæдфæндыдæр вæййы тæссаг

Мæздæджы районы пъæлицæйы хайады уыди патрулон службæйы минæвæрттæ, дины куысджыты æмæ æхсæнадон советы фембæлд. Мидхъуыддæгты министрады оргæнты куыст кæдфæндыдæр вæййы тæссаг. Мæздæджы аргъуаны сауджын Роман Заводов пъæлицæйæгтимæ æрныхас кодта удварны хæзнатыл, æмæ сæм фæсидтис Фыдыбæстæйæн службæ кæныны традицитæ æххæст кæнынмæ. Дæнцæгтæ сын æрхаста Уæрæсейы историйы цы бирæ хъæбатыр æмæ сгуыхтдзинæдтæ уыди, уыдонæй. Ведомствæйы ахæм фембæлдтытæ вæййы рæстæгæй-рæстæгмæ. Æхсæнады минæвæрттæ ма ныхас кодтой ноджыдæр иу ахсджиаг фарстайыл – адæмы æууæнкдзинад пъæлицæмæ. Ахæм æмбырдтæ ма афæдзы кæронмæ уыдзысты ноджыдæр цалдæр пъæлицæйы дæлхайады. Баст уыдзысты рæзгæ фæлтæры хъомыладимæ, юридикон ахуырад райсынимæ æмæ фыццаг æххуыс бакæнынимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania