28 августа 2019, 17:10
Мæздæджы районы рæвдауæндæтты кæнынц уæлæмхасæн бынæттæ
Троицкæйы скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндоны цур сарæзтой ног бæстыхай.
Мæздæджы районы рæвдауæндæтты кæнынц уæлæмхасæн бынæттæ.
Троицкæйы скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндоны цур сарæзтой ног бæстыхай. Фæрæзтæ йын дихгонд æрцыди федералон æмæ регионалон бюджеттæй, социалон проект «Демографи» æххæстгæнгæйæ. 55 сывæллоны райстой рæвдауæндæтты къордтæм, декабры та ма байгом кæндзысты ноджыдæр иу.




