филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 воскресенье, 01 февраля 2026
11 января 2025, 19:59
Мæздæджы районы Сергей Меняйлойы лæвæрттæ арфæтимæ райстой 3 мин сывæллонæй фылдæр

Уыдонæн се мбис сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ

Мæздæджы районы республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы лæвæрттæ арфæтимæ райстой 3 мин сывæллонæй фылдæр, уыдонæн се мбис сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ. Ног азы бæрæгбоны – алы хæдзармæ дæр цины æнкъарæнтæ – ахæм девизимæ Мæздæджы районы социалон лæггæдтæ кæныны комплексон центры кусджытæ сарæзтой Митын Дадаимæ æмæ Митын Чызгимæ фембæлд. Бæрæгбоны сæйраг хъайтартæ раарфæ кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн. Сывæллæттæн ахæм фембæлд æхсызгон уыд, дзырдтой æмдзæвгæтæ, кафыдысты, зарыдысты. Хæстонтæй сæ фылдæрмæ сæхимæ æнхъæлмæ кæсынц сæ сывæллæттæ. Уыдоны зæрдæты бахъахъхъæнын ацы бæрæгбоны алæмæтыл уырнындзинад у ахæм фембæлдтыты сæйраг нысан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania