09 июля 2019, 13:10
Мæздæджы районы сывæллæтты дыууæ рæвдауæндоны байгом кодтой ног къордтæ
Аразджытæ афæдзы æрдæгмæ канд хæрзхъæд бæстыхæйттæ нæ сарæзтой, фæлæ ма нырыккон гæнæнтæй æххæст куыстуæттæ
Мæздæджы районы сывæллæтты дыууæ рæвдауæндоны байгом кодтой ног къордтæ. Аразджытæ афæдзы æрдæгмæ канд хæрзхъæд бæстыхæйттæ нæ сарæзтой, фæлæ ма нырыккон гæнæнтæй æххæст куыстуæттæ. Афтæмæй ног ахуыры азмæ Мæздæджы районы рæвдауæндæтты фæзындзæн 110 уæлæмхасæн бынаты. Кадджын мадзалы фæстæ уазджытæ федтой куыстыты хæрзхъæддзинад , аргъ сын скодтой. Сывæллæттæн æмæ ныййарджытæн раарфæ кодта бынæттон администрацийы сæрдар Олег Яровой.
темæмæ гæсгæ




