филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
07 октября 2021, 11:32
Мæздæджы районы цæрджытæ хъаст кæнынц дзулы аргъæй

Фыццаградон продукты аргъ, сæ ныхæстæм гæсгæ, схызтис 25 соммæ

Мæздæджы районы цæрджытæ хъаст кæнынц дзулы аргъæй. Фыццаградон продукты аргъ, сæ ныхæстæм гæсгæ, схызтис 25 соммæ. Ацы хъуыддагæй  районы цæрджытæ тынг стыхстысты, уымæ гæсгæ йыл ныхас цыди  аппаратон æмбырды дæр. Сæвзæрд уавæры аххосаг цы у, æмæ Сергей Меняйло цы хæстæ радта, уый базыдта Гутъиаты Алинæ.

Ацы уæйгæнæг æмбары йæ социалон бæрнондзинад. Мæздæджы районы базарадон хызтæй иуы дзулыл бафтыдтой æрмæстдæр сом. Иннæты та — цыппар сомы онг. Дыууын дыууæ сомы чи кодта, уыцы дзул уæй кæнынц 25 сомæй. Фæлæ сырæзтис, дзулфыцджытæ дуканитæм сæ продукци цы аргъæй дæттынц, уый дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй уымæн йæ аххосаг у, хъацæнты аргъ æвваст кæй сырæзт, уый.

Уавæримæ фыццаджыдæр разы не сты пенсиисджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй дуканитæм сæ къах дæр нал авæриккой, фæлæ бынтон афтæ сæ бон нæу. Уыдон фыццагдæр банкъардтой æгътæ кæй сырæзтысты, уый.

Æнæ дзулæй адæймагæн цæрæн нæй. Уый тыххæй æргътæ уырæдтой адмитистративон мадзæлттæй. Мæздæджы районы администрацийы разамонæг Олег Яровой фембæлд дзулфыцджытимæ æмæ йын радзырдтой, дзулы аргъ æртæ сомы бæрц цæмæ фæфылдæр кодтой, уый. Сæйрагдæр аххосаг у газ, коммуналон лæггæдтæ æмæ дзулы хъацæнты аргъ кæй сырæзт, уый.

Сергей Меняйло аппаратон æмбырды рæстæг радта бардзырд, цæмæй дзулы аргъ фæкъаддæр кæной. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ раздæры аргъ ныууадзын хъæуы урс дзулæн æмæ дзулфыцджыты зæрдыл æрлæууын кодта, нæ республикæйы сын субсиди райсыны бар кæй ис, уый тыххæй. Бæлвырддæр та алы тоннæйæн дæр дæттынц дыууæ мин сомы. Фæлæ Мæздæджы районы дзулфыцджытæ уыйимæ разы не сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй субсиди райсынæн æгæр бирæ гæххæттытæ æрæмбырд кæнын хъæуы, уæдæ сæ продукцийы бæрц дæр уыййас нæу.

Районы администрацийы къухы бафтыд дзулы аргъ дыууæ сомы фæкъаддæр кæнын. Афтæмæй уал ноябырмæ дзулы аргъыл бафтдзæн æрмæстдæр сом. Уæдмæ та районы бынæттон дзулфыцджытæн сараздзысты хицæн субсидитæ.

Ныр та уал дзулфыцæн цехты куыст ис йæ тæмæны. Хуыссæ сызмæнтынц æхсæвы, цæмæй сæумæрайсом ногфых дзул тæрхæджытæм фæхæццæ уа, уый тыххæй. Уый фæстæ та райдайынц æндæр продукци аразын. Ацы чысыл дзулфыцæн цехы фыцынц продукцийы дыууын хуызы. Æппæты арæхдæр фæлхасгæнджытæ агурынц урс дзул. Аразынц æй ссад, цæхх, дрожæй æмæ архайынц, цæмæй хъацæнты хæрзхъæддзинадмæ фау æрхæссæн ма уа. Дзулфыцджытæ сæ зæрдæ дарынц, сæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн æмæ дзулы хæрзхъæддзинад кæй ницы бахъыгдардзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania