филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:58 суббота, 31 января 2026
16 января 2026, 10:33
Мæздæджы районы цæрджыты мæты бафтыдта, Терчы цæугæдоны сæрты хиды реконструкцийы тыххæй уынаффæ

Специалисттæ йæ банымадтой кæлæддзагыл

Мæздæджы районы цæрджыты мæты бафтыдта, Терчы цæугæдоны сæрты хиды реконструкцийы тыххæй уынаффæ. Специалисттæ йæ банымадтой кæлæддзагыл. Æмбæлгæ куыстытæ сæххæст кæнынæн хид сæхгæнын хъæуы. Уый та нысан кæны, бынæттон цæрджыты фæндаг районы центрмæ кæй фæфылдæр уыдзæн цыппар километрæй цыппоры онг. Уавæр бамбарын кæныны æмæ æппæт фарстатæн дзуапп раттыны тыххæй адæмимæ сæмбæлдысты профилон ведомствæты разамонджытимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Терчы цæугæдоны сæрты хид Терскæйы станицæйы æмæ сыхаг хъæуты цæрджытæн у сæйраг транспортон артери. Ууылты æрвылбон фæцæуынц районы центрмæ, уымæн æмæ сæйраг социалон инфраструктурæ уым ис. Ацы аз хид снысан кодтой реконструкци скæнын. Арæзтад нымад æрцыд кæлæддзагыл. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, фæндæгты хæдзарады комитет цы иувæрсты ацæуæн снысан кодтой, уый цæуы иннæ хъæуты уылты æмæ фæндаджы дæргъ зынгæ фылдæр кæны.

Ацы хид арæзт æрцыд 1959-æм азы, ивгъуыд æнусы нормæтæм æмæ стандарттæм гæсгæ. Уыдон нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Хид иу кæны Мæздæг Калининскиимæ, Хъызларимæ, Октябрьскиимæ æмæ Терскæимæ. 66 азмæ транспорты цыд æмæ стыр автомобильты уæз фæфылдæр цалдæр хатты. Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль куыд загъта, афтæмæй хиды уавæр ахæм у, æмæ дзы абон пайда кæнын нæй.

Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар, транспорты комитеты сæрдар æмæ Мæздæджы районы сæргълæууæг сæмбæлдысты бынæттон цæрджытимæ, цæмæй байхъусой хиды реконструкцийы фæдыл хъуыдытæм æмæ фæндонтæм. Афтæмæй рахастой, цалцæггæнæн куыстытæ фæфæстæдæр кæныны уынаффæ.

Хид реконструкцимæ хæстæгдæр рæстæг сæхгæндзысты æви нæ æмæ цавæр уавæртыл, уый нырма бæрæг нæу. Цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой, дарддæры уынаффæты тыххæй сын рагагъоммæ кæй хъусын кæндзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania