Ацы ахсджиаг хъуыддаджы архайынц бархионты бынæттон штаб «Мы вместе» æмæ «Фыццæгты змæлд»
Скъоладзаутæй райдай æмæ пенсиисджытæй фæуы. Се *ппæты дæр баиу кодта фронтæн æххуыс. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Мæздæджы регионалон хайады хъæппæрисæй æххæстгонд цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн маскировкæгæнæн хызтæ быйыны проект. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы архайынц бархионты бынæттон штаб «Мы вместе» æмæ «Фыццæгты змæлд». Се *ххуысы хай хæссынц скъолатæ, районы социалон лæггæдты Центр æмæ культурæйы галуан. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Притеречныйы поселочы скъолайы ахуырдзаутæ штаб «Мах стæм иумæ»-йы бархионтæй сæхи бафæлвæрдтой экскурсийы рæстæг. Цымыдисаг сын у архайд. Цы кусæнгарзæй пайда кæнынц, уый у хиконд. Сарæзта йæ штабы активисттæй иу. Маскировкæгæнæн хызтæ бийын чысыл уазджытæн у ногдзинад.
Уыцы нысантæ – фидæнмæ, ныр та уал ахуырадон процесс. Ольга Онищенко йæ рæстæджы бархион сси æнæнхъæлæджы. Ныр скъоладзаутæн амоны бийын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ам æрвылбон дæр арæзт æрцæуынц дæсныйадæвдисæн ахуыртæ.
Притеречныйы поселочы скъолайы тагъд рæстæг фæнд кæнынц райдайын бийын маскировкæгæнæн хызтæ. Мæздæджы 1-æм скъолайы ацы куыст цæуы уалдзæгæй нырмæ. Парти «Иугонд Уæрæсейы» Мæздæггаг хайады хъæппæрис скъоладзаутæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц.
Альмирæ Татаева æндæр скъолайы ахуыр кæны, ардæм æрбацæуы йе *ххуысы хай бахæссыны тыххæй. У «Фыццæгты змæлды» активисткæ. Чызг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ йæхи ахуыргæнæндоны маскировкæгæнæн хызтæ кæй нæ бийынц, уый афтæ у рæстæгмæ. Йæ бинонтæн зындгонд у бархионты архайд.
Скъоладзауты маскировкæгæнæн хызтæ бийынмæ сразæнгард кодтой парти «Иугонд Уæрæсейы» Мæздæггаг хайады хъæппæрисæй. Штаб #МЫВМЕСТЕ-йы бархионтæ сывæллæтты æрмæст хызтæ цæттæ кæнын нæ ахуыр кæнынц, фæлæ ма сæ ифтонг кæнынц хъæугæ æрмæгæй.
Мæздæджы районы культурæйы галуаны дæр бийынц маскировкæгæнæн хызтæ. Куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ бонмæ бацæттæ кæнынц, йæ дæргъ 6 метры, йæ уæрх та 3 метры кæмæн у, ахæм хыз. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хион ис галуаны кусджытæй алкæмæн дæр. Афтæмæй æххуыс кæнынц æфсæддонтæн.
Культурæйы галуаны кусджыты фарсмæ сты сæ хъомылгæнинæгтæ дæр. Сывæллæттæ архайынц сфæлдыстадон къордты, æххуыс кæнынц бархионтæн дæр. Маскировкæгæнæн хызтæ бийынц ныййарджытæ дæр. Дыууæ мæймæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ чысыл нæ арвыстой.
Социалон лæггæдты центры дæр бийынц маскировкæгæнæн хызтæ. Арæхстджынæй архайынц кусæнгæрзтимæ. Хистæр кары адæм æфсæддонтæн фыццаг хатт не *ххуыс кæнынц. Раздæр хæстон æрвыстой сæхи быд дзаумæттæ. Ныр та бархионты руаджы сахуыр сты маскировкæгæнæн хызтæ бийын дæр.
Мæздæджы районы бархионты нымæц кæны фылдæр. Уыдон æрмæст маскировкæгæнæн хызтæ нæ бийынц, госпитальæн хуыйынц базтæ, кæнынц цырæгътæ. Уымæй уæлдай æдзух аразынц патриотон мадзæлттæ. Хъæбатырдзинады урокты фаархайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы æфсæддонтæ æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ. Александр Прокопов арæх фембæлы скъоладзаутимæ. Историйы ахуыргæнæг у хæсты сывæллон. Ахуырдзауты базонгæ кæны йæхи цардæй цаутимæ, фæдзуры сын Мæздæджы хъахъхъæнджыты тыххæй.
Бархионтæ свæййынц зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Æххуыс кæмæн хъæуы, уыдоны фарсмæ æрбалæууын, алкæйы бон нæу. Штаб #МЫВМЕСТЕ Мæздæггаг хайады хæс у, бархион суæвын кæй фæнды, уыдоны сбæрæг кæнын. Уый та ныр æнцондæр у парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисы фæрцы.




