29 июля 2024, 12:05
Мæздæджы районы цæуынц æвзонг хъазахъхъæгты æмæ сæ командæгæнджыты æфсæддон-тактикон ахуыртæ
Быдырон æмæ теоретикон ахуыртæ сын аразы районы хъазахъхъаг æхсæнад йæ сæргъы атаман Алексей Кавтарадзе афтæмæй
Мæздæджы районы цæуынц æвзонг хъазахъхъæгты æмæ сæ командæгæнджыты æфсæддон-тактикон ахуыртæ. Быдырон æмæ теоретикон ахуыртæ сын аразы районы хъазахъхъаг æхсæнад йæ сæргъы атаман Алексей Кавтарадзе афтæмæй. 10-æй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæды къордтæ ныр цалдæр азы ахуыр кæнынц, сывæллæтты хъазахъахъаг отрядтæн кæстæр командон хыгъд цæттæ кæныны скъолайы. Амонынц сын бынатыл цæуыны тактикæ, фыццаг медицинон æххуыс кæныны бындуртæ, хæцæнгарзимæ архайын, цæуынц мысан æхсæн цæттæдзинад. Тактикон ахуыртæ традицимæ гæсгæ арæзт цæуынц хъазахъхъаг быдырон æфсæддон-патриотон лагеры территорийы. Уый у хъазахъхъаг станицæтæм хæстæг.
темæмæ гæсгæ




