филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:27 суббота, 13 декабря 2025
27 сентября 2025, 09:55
Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы скъолайы байгом медиацентр

Проект æххæстгонд æрцыд æхсæнад «Знание»-йы гранты æмæ рухстауынады министрады руаджы

Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы скъолайы байгом медиацентр. Проект æххæстгонд æрцыд æхсæнад «Знание»-йы гранты æмæ рухстауынады министрады руаджы. Медиакъабазы фадæттæ равдисын, сывæллæтты журналисты дæсныйадимæ базонгæ кæнын, скъолайы хабæрттæ видеомæ исын æмæ газет уадзын у скъолайы директоры хæдивæг Болотаты Марианнæйы фæнд. Уый хъæппæрисæй архайдта ахуыргæнæндон грант райсыны конкурсы. Цы фæрæзтæ рамбылдтой, уыдонæй балхæдтой профессионалон техникæ, сифтонг кодтой студи. Кадджын мадзалы фыццаг дæсныйадæвдисæн ахуыр информацион æрмæг видеоисынæй сарæзта ПТРК «Алани»-йы журналист Анастасия Саломатова.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania