филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 воскресенье, 01 февраля 2026
05 января 2020, 12:15
Мæздæджы сбæрæг кодтой ахсджиаг цау

77 азы размæ, горæт уæгъдгонд æрцыди немыцаг фашисттæй

Мæздæджы сбæрæг кодтой ахсджиаг цау. 77 азы размæ, горæт уæгъдгонд æрцыди немыцаг фашисттæй. 42-æм азы августæй декабры онг Теркаг æфцæгыл цыдысты карз тохтæ. Знаг бырста Грознайы æмæ Бакуйы нефтьмæ, фæлæ йын ацы бынаты радтой ныхкъуырд. Немыц сæхæдæг Мæздæджы быдыртæ хуыдтой «мæлæтмæ фæндаг». Горæт хъахъхъæдтой танкты батальонтæ, авиаци æмæ æхсæн дивизитæ. Немыц бацахстой провинциалон, фæлæ стратегион æгъдауæй ахсджиаг горæт, æмæ афæдзы рдæг уыди сæ уацары. 3-æм январы, карз тохы фæстæ знаг горæт суæгъд кодта. Чи дзы фæмарди, уыдоны рухс ном ацы бонты æрымысыдысты æфсæддон службæйы ветерантæ, ветеранты Советы уæнгтæ, хицауады æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Митинджы архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Æнусон артыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania