филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 суббота, 28 сентября 2024
07 октября 2021, 12:06
Мæздæджы сбæрæг кодтой горæты 258 азы бон

Ныртæккæйы эпидемион уавæры тыххæй дзыллон мадзæлттæ ацы аз нæ расидтысты

Мæздæджы сбæрæг кодтой горæты 258 азы бон. Ныртæккæйы эпидемион уавæры тыххæй дзыллон мадзæлттæ ацы аз нæ расидтысты. Бæрæгбоны концерт сæ уарзон горæтæн балæвар кодтой паддзахадон ансамбль «Терчы Хъазахъхъæгтæ». Фонтанты фæзы хъуыстысты куыд зындгонд хъазахъхъаг зарджытæ, афтæ рохуаты чи баззад ахæмтæ дæр. Горæты цæрджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой рæзгæ фæлтæр дæр. Уæвгæ та паддзахадон ансаблæн бындур æвæрд æрцыди 2011-æм азы. Сфæлдыстадон къордмæ ис бирæ æнтыстытæ æмæ хæрзиуджытæ. Сæ фыццаг хæсыл нымайынц, хъазахъхъæгты традицитæ Мæздæджы зæххыл фæлтæртæм дæттын, артисттæн горæты бон барæсугъд кæнын у традицион.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania