филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:12 пятница, 17 мая 2024
13 октября 2022, 11:41
Мæздæджы сгарджытæ ма ссардтой авд сырхæфсæддоны стæгдартæ

Кадджын уавæры сæ баныгæдтой Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы астæу цыртдзæвæн «Линия фронта» – йы цур

Елхоты баныгæдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтар Дойаты Русланы стæгдар. Ссардтой йæ Мæхъæлы республикæйы сгарджыты къорд Теркаг æфцæджы цæгатварс. Мæздæджы сгарджытæ ма ссардтой авд сырхæфсæддоны стæгдартæ. Кадджын уавæры сæ баныгæдтой Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы астæу цыртдзæвæн «Линия фронта» – йы цур. Митингы бацархайдтой æфсæддонтæ, ветерантæ, бынæттон хицауады æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Мадзалы уазджытæ уыдысты Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ стæй Свердловскы облæсты æфсæддон ветеранты делегаци. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы хъайтартæ фæмард, уыдоны ном æрхъуыды кодтой, минут æдзæмæй алæугæйæ. Уый фæстæ 7 салдаты баныгæдтой, семæ фыдыбæстæ цы 120 адæймаджы хъахъхъæдтой, уыдоны цур – æфсымæрон ингæны. Сгæрстытæ цыдысты куыд Теркаг æфцæджы, афтæ Мæздæджы районы, Хъызлары дæр. Фарæстæм мысанæхсæн бригад сæ цардæй цы ран ахицæн сты, уым сгарджытæ ссардтой уидыг. Фыст ыл уыд йæ хицауы ном. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыд Нижегородскы облæсты цæрæг. Иртасæн куыстыты рæстæг сбæлвырд кодтой 3 салдаты нæмттæ. Иннæты нæмттæ нæма рабæрæг сты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania