филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
11 декабря 2020, 12:38
Мæздæджы схорзæхджын кодтой Уырыссаг национ-культурон æхсæнад «Русь»-ы волонтерты

Уыдоны архайдтой фæкæсынхъуаг адæмæн гуманитарон æххуыс уарыны хъуыддаджы

Мæздæджы схорзæхджын кодтой Уырыссаг национ-культурон æхсæнад «Русь»-ы волонтерты. Уыдоны архайдтой фæкæсынхъуаг адæмæн гуманитарон æххуыс уарыны хъуыддаджы. Битарты Вячеславы номæй сын арфæйы фыстæджытæ радта республикæйы Сæргълæууæджы æххуысгæнæг Владимир Писаренко. Пандемийæйы аххосæй цы уавæр сæвзæрд, уым волонтерты куыстæн ис стыр ахадындзинад. Æхсæнады уæнгтæй бирæтæ архайдтой адæмæн æххуыс кæныны акциты. Уымæй сæ республикæйы разамынд у бузныг. Радтой сын нациты ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады арфæйы фыстæджытæ дæр. Фембæлды ныхас цыди «Русь»-ы мæздæггаг хайады куыстыл дæр. Снысан кодтой бæлвырд куысты пълан иннæ азæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania