филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:17 суббота, 28 сентября 2024
16 июля 2020, 16:51
Мæздæджы социалон фарстатæй ныртæккæ ахсджиагдæр у фæндæгты цалцæг

Куыстытæ цæуынц куыд сæйраг уынгты, афтæ, транспорт гыццыл кæуыл цæуы, уыцы уынгты

Мæздæджы социалон фарстатæй ныртæккæ ахсджиагдæр у фæндæгты цалцæг. Куыстытæ цæуынц куыд сæйраг уынгты, афтæ, транспорт гыццыл кæуыл цæуы, уыцы уынгты, стæй раздæр асфальт æппындæр кæм нæ уыди, уым дæр. Уымæй дарддæр бынæттон администрацийы специалисттæ бæрæг кæнынц куыстыты хæрзхъæддзинад. Районмæ мæй иу хатт æрбацæуынц цæугæ лабораторийы специалисттæ, сбæрæг кæнынц фæндæгты уавæр, сисынц пробæтæ дарддæры иртæстыты тыххæй. Куыстытæм сæ цæст дарынц дзуапдæттæг оргæнтæ. Дарддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Æвзæр фæндæгтæ зæгъгæ, амæй фæстæмæ Мæздæгæй нал зæгъдзынæ. 44 уынджы. Уыдонæй цалдæрыл асфальт нæ уыди, горæтæн бындур æврæд куы рцыди, уæдæй нырмæ.  Ныртæккæ та сыл æвæрынц ног уæлцъар.

Цæимæ абарой, уый Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперттæн ис. Æхсæнадон архайджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ сбæрæг кæнынц куыстыты хæрзхъæддзинад, куы бахъæуа, уæд скæнынц фиппаинæгтæ. Мæздæгмæ радон балц равдыста, иуæй-иу бынæтты къуылымпытæ кæй сæвзæрд, æмæ сыл хъæуы бакусын.

Зындзинæдтæ сæвзæрын кæнынц люктæ дæр, зæгъынц шофыртæ.

Мæздæджы дондзæуæн куыстуаты цалцæггæнæн къорды мастер Альберт Мкртчан зоны бирæ бынæттæ, люктæ асфальты бын кæм фæкодтой, кæнæ та домæнтæн дзуапп кæм нæ дæттынц, ахæмтæ.

Бынæттон хицауад куыстмæ райсы подрядчикты, æмæ 7 азы дæргъы сæ цæст фæдарынц куыстыты хæрзхъæддзинадмæ.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты курдиæттæм дæр, бынæттон разамынд, æнæмæнг, æркæсы. Ууыл æхсæнадон кусджытæ сæхæдæг дæр фæдзурынц.

Мæздæджы фæндæгты цалцæг цæуы дарддæр. Ацы аз ног асфальт фæзындзæн горæты 18 уынджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania