26 ноября 2019, 12:11
Мæздæджы цæрæг Хуыгаты Надеждæ хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй
Хуыгаты Надеждæйыл цæуы 96 азы, у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, йæ пъолкимæ хъахъхъæдта йæ райгурæн бæстæйы Кавказы арæнтæ
Мæздæджы цæрæг Хуыгаты Надеждæ хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй. Кадджын мадзал Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй сæххæст кодта нæ республикæйы ветеранты Советы сæрдар Къаболаты Солтан. Хуыгаты Надеждæйыл цæуы 96 азы, у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, йæ пъолкимæ хъахъхъæдта йæ райгурæн бæстæйы Кавказы арæнтæ. Уæлахизы фæстæ йæ цардæмбал Хуыгаты Хазбиимæ фæллой кæнын райдыдтой хъæууон хæдзарады. Абон дæр, кæд азтæ рацдысты, уæддæр Надеждæ у активон æхсæнадон архайæг, йæ вæрæн хæссы ветеранты Советы куыстмæ, æмбæлы фæсивæдимæ. Скъоладзаутæ æмæ студенттæн дзуры йæ мысинæгтæ.
темæмæ гæсгæ




