филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:24 суббота, 31 января 2026
28 августа 2025, 10:34
Мæздæджы Уæлахизы Парчы территорийы ногæй райдыдтой егъау арæзтадон куыстытæ

Афæдзы кæронмæ дзы фæзындзæн «Уазæгуарзондзинады бынат»

Мæздæджы Уæлахизы Парчы территорийы ногæй райдыдтой егъау арæзтадон куыстытæ. Афæдзы кæронмæ дзы фæзындзæн «Уазæгуарзондзинады бынат». Проект æххæстгонд цæуы, Æппæтуæрæсеон конкурс «Горæты æнцонвадат архайды тыгъдады хуыздæр проекттæ аразыны» кæй фæуæлахиз сты, уый фæрцы. Нысантæм гæсгæ фæлладуадзæн бынаты уыдзысты тематикон æмæ улæфæн фæзтæ, скейтбордæй æмæ воркаутæй архайынæн бынæттæ. Терчы былгæрон скæндзысты наулæууæн, тезгъогæнæн къахвæндæгтæ, бинонты фæллад уадзынæн зонæ æмæ тематикон мадзæлттæ аразынæн фæз. Мæздæджы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, проект аразгæйæ, хынцтой бынæттон цæрджыты хъуыдытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania