филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:03 пятница, 03 мая 2024
20 мая 2022, 10:59
Мæздæджы уыд Паддзахадон ансамбль «Казаки Терека» -йы концерт

Ансамблы солистты фылдæр хай сты фæсивæд, зарджытæ кодтой Фыдыбæстæйы, уарзондзинады, стæй хъазахъхъæгты хъысмæты тыххæй

Мæздæджы районы культурæйы галуаны стыр залы уыд Паддзахадон ансамбль «Казаки Терека» -йы концерт. Ансамблы солистты фылдæр хай сты фæсивæд, зарджытæ кодтой Фыдыбæстæйы, уарзондзинады, стæй хъазахъхъæгты хъысмæты тыххæй. Алы номыр дæр аивгонд æрцыд сæрмагонд уæлæдарæсæй æмæ гæнæнтæй. Концертмæ æрбацæуджытæ ма базонгæ сты «Казаки Терека»-йы æмбæлтты сфæлдыстадимæ.  Сæ ирд кафт сын сæ размæ рахаста ансамбль «Радость». Мæздæджы фыццаг хатт уыдысты «Хъазахъхъæгты хор», стæй Мæхъæлы республикæйы Паддзахадон  филармонийы минæвæрттæ. Æппæт артисттæн дæр  раарфæ кодта,  стæй  сын радта  арфæйы фыстæджытæ  Мæздæджы районы хъазахъхъæгты æхсæнады атаманы хæстæ æххæстгæнæг  Сергей Мартынов. Паддзахадон  ансамбль «Казаки Терека» Мæздæджы фæзынд 2011-æм азы, разамынд ын дæтты Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг  Лилия Максимова. «Казаки Терека»  у алы æмвæзады ерысты æмæ фестивальты уæлахиздзау æмæ лауреат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania