филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:51 среда, 17 декабря 2025
28 марта 2025, 10:38
Мæздæджы уыд регионты *хсæн 15-æм турнир дзюдойæ

Ссардтой дзы, барадхъахъхъæнæн оргæнты кусджытæй æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæй, йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны нæмттæ

Мæздæджы уыд регионты *хсæн 15-æм турнир дзюдойæ. Ссардтой дзы, барадхъахъхъæнæн оргæнты кусджытæй æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæй, йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны нæмттæ. Ерысты архайдта 400 æвзонг спортсмены онг Дзæуджыхъæуæй æмæ Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй, стæй Кæсæг-Балхъарæй æмæ Цæцæны республикæйæ. Тæрхонгæнæн къамисы уæнгтæ фæнысан кодтой, хорз спортивон цæттæдзинад сын кæй ис, уый. Архайджытæ, турнир кæй кадæн арæзт æрцыд, уыдоны нæмттæ æрхъуыды кодтой минут æдзæмæй алæугæйæ, мемориалтыл сæвæрдтой дидинджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania