филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:53 вторник, 21 мая 2024
07 октября 2019, 17:10
Мæздæг сбæрæг кодта йæ 256 азы бон

Бæрæгбоны сæйраг темæ – театры аз.

Мæздæг сбæрæг кодта йæ 256 азы бон. Бæрæгбоны сæйраг темæ – театры аз.

Йæ сæргондæн равзæрстой мæздæггаг поэт Геннадий Степины æмдзæвгæйы рæнхъытæ – «Я лиру посвятил тебе, Моздок». Мæздæджы цæрджытæн бæрæгбоны арфæтæ ракæнынмæ æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, Цæгат Ирыстоны æмæ сыхаг республикæты æхсæнадон архайджытæ. Нациты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ кæй тауынц, уый тыххæй горæты цæрджытæй цалдæрæн лæвæрд æрцыдысты кады грамотæтæ. Национ-культурон æхсæнадты кæртыты уазджытæн фадат уыд алы адæмы хæттыты хæринæгтæ ацаходынæн, стæй адæмон зарджытæм байхъусынæн. Сæрмагондæй арæзт æрцыдысты къамтæ исæн зонæтæ, хуызистыты равдыстытæ. Уымæй дарддæр дзы скодтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Æппæт тематикон фæзтæ куыстой изæрдалынгтæм. Сæ хуыздæр номыртæ уарзон горæтæн бацæттæ кодтой Мæздæджы районы сфæлдыстадон коллективтæ. Бæрæгбоны марафоны архайдтой уазджытæ Стъараполы крайæ æмæ Кæсæг-Балхъары республикæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania