филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:36 суббота, 21 сентября 2024
18 июля 2019, 12:56
Мæздæг уыдзæн хæстæгдæр. Автомобилон фæндаг «Кавказы» райдыдтой рацарæзты куыстытæ

Цæудзысты Хуырхъæу- Малгобек-Мæздæджы фæндаджы уаццагыл

Мæздæг уыдзæн хæстæгдæр. Автомобилон фæндаг «Кавказы» райдыдтой рацарæзты куыстытæ. Цæудзысты Хуырхъæу- Малгобек-Мæздæджы фæндаджы уаццагыл. Ацы арфæйаг хъуыддагæн бындур сæвæрдтаБитарты Вячеслав. Фæндаджы рацарæзт кæцæй райдайдзæн, уым республикæйы бæрнон адæмимæ сæвæрдтой зæххимæ капсулæ. Мадзалæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд, æмæ ныхасы бар Къутæрты Аидæйæн.

Æцæгæйдæр историмæ кæй бахæсдзысты, ахæм хабар. Мæздæджы район нæм фæхæстæгдæр. Автомобилон фæндаг «Кавказ» бындурон цалцæггонд æрцæудзæн Хурыхъæу-Мæлгобек æмæ Мæздæгмæ фæндаджы уаццаг. Йæ дæргъ 58 километры бæрц.

Ацы ран уыдзысты фæндæггон объекттæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ бынæттон цæрджытæн сæ бон уыдзæн æхца бакусын. Цæмæй бæстонæй рацарæзт æрцæуа, уый тыххæй та гыццыл æхца нæ бахъæудзæн. Федералон бюджетæй рахай кæндзысты дыууæ миллиард сомы бæрц. Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæндаг хъуамæ бæстон конд æрцæуа.

Цæмæй Мæздæгмæ бацæуай, уый тыххæй хъуыди дард фæндаг скæнын. Суанг-иу нæ сыхаг республикæты уылты цæуын хъуыд. Тагъд уыцы фарста лыггонд æрцæудзæн, æмæ Мæздæжы районмæ æнæкъуылымпытæй, стæй тагъддæр бацæуæн уыдзæн. Уæдæ Мæздæджы дыргъты, халсарты, стæй хойрæгты продукцийæ дæр тагъд пайда кæнын райдайдзысты нæ республикæйы цæрджытæ.

Хицауады ныхæстæм гæсгæ, трасса цæттæ уыдзæн иннæ азы кæронмæ, æмæ дæтдзæн дзуапп нырыккон домæнтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania