филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:10 пятница, 27 сентября 2024
26 сентября 2024, 15:59
«Мæздæггаг кæсгæтты æнусон традицитæ» – ахæм сæргондимæ форум арæзт æрцыд Мæздæджы

Æрвылазон мадзалы архайдтой Стъараполы крайæ, Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Адыгейæ уазджытæ

«Мæздæггаг кæсгæтты æнусон традицитæ» – ахæм сæргондимæ форум арæзт æрцыд Мæздæджы. Æрвылазон мадзалы архайдтой Стъараполы крайæ, Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Адыгейæ уазджытæ.  Районы культурæйы Галуаны фойейы равæрдтой кæсгæтты рагон царды уагыл дзурæг кусæнгæрзты равдыст. Уæлахизы парчы сарæзтой бæрæгбоны концерт, архайдтой дзы Мæздæджы æмæ Кæсæг-Балхъары сфæлдыстадон къордтæ. Кæй фæндыд, уыдонæй алкæмæн дæр фадат уыди кæсгон хæринæгтæй фенын. Форум баст у культурон бынтæ бахъахъхъæнынимæ æмæ нациты хсæн иудзинад фидар кæнынимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania