филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
20 мая 2021, 14:47
Мæздæггаг кæсгæтты цæдис амæй фæстæм зилдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты номыл цыртдзæвæнмæ

Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты ис æфсымæрон ингæн

Мæздæггаг кæсгæтты цæдис амæй фæстæм зилдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты номыл цыртдзæвæнмæ. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты ис æфсымæрон ингæн. Ныгæд дзы æрцыдысты, Мæздæг немыцаг фашисттæй уæгъдгонд куы рцыд, уыцы бонмæ чи нæ фæцард, уыдон. Се хсæн сты горæт хъахъхъæнджытæ æмæ хуымæтæг цæрджытæ. Кæсгæтты Цæдисы активист Вячеслав Серебряков радзырдта йæ фыды мысинæгты тыххæй. Ууыл 1943-æм азы цыди 15 азы, æмæ йæ хорз хъуды кæны, мæрдты ацы территоримæ куыд ластой, æмæ сæ иумæйаг дзыхъхъы куыд калдтой, уый. Æхсæнадон кусджытæ обелиск сахуырстой, æмæ йын базылдысты йæ алфамбылай территоримæ. Ацы аз Мæздæджы разамынд бындуронæй базилдзысты цалдæр номарæн бынатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania