филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:01 понедельник, 15 декабря 2025
01 июля 2014, 11:23
«Мах стæм уæрæсейæгтæ». Ахæм форум арæзт æрцыд Æрæфы районы

Архайдтой дзы, республикæйы æмæ районы разамынды минæвæрттæ, фæсивæдон организациты активондæр архайджытæ, национ-культурон центрты уæнгтæ. Форум арæзт æрцыд национ

73217
Архайдтой дзы, республикæйы æмæ районы разамынды минæвæрттæ, фæсивæдон организациты активондæр архайджытæ, национ-культурон центрты уæнгтæ. Форум арæзт æрцыд национ ахастдзинæдты фарстаты министрады хъæппæрисæй. Баххуыс сын кодта регионты рæзты министрад. Фембæлды кæстæр фæлтæримæ ныхас кодтой хистæртæ, фæсивæдæй алы къабæзты бæлвырд æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдон. Сидтысты, цæмæй фæсивæд уой æгъдауджын æмæ ныфсджын. Дзырдтой, Ирыстон Уæрæсейы цы бынат ахсы, уый тыххæй. Фембæлды национ ахастдзинæдты фарстаты министрад æмæ Æрæфы районы разамынд бафыста æмгуыст кæнæны тыххæй бадзырд. Форум арæзт æрцыд адæмты `хсæн хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæныны, стæй рæзгæ фæлтæры хъомыладыл архайыны тыххæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania