филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:32 понедельник, 15 декабря 2025
24 марта 2014, 11:12
Майрæмадаг æмæ Севастополы хсæн ис фидар бастдзинад

Майрамадаг – Севастополь. Ацы хъæу æмæ горæты хсæн фидар бастдзинад ис. 1942 азы Майрамададжы цы хæстытæ цыд, уым фемард сæдæгай æрыгон æфсæддонтæ. Бирæтæ дзы уыдысты

Майрæмадаг æмæ Севастополы хсæн ис фидар бастдзинад
Майрамадаг – Севастополь. Ацы хъæу æмæ горæты хсæн фидар бастдзинад ис. 1942 азы Майрамададжы цы хæстытæ цыд, уым фемард сæдæгай æрыгон æфсæддонтæ. Бирæтæ дзы уыдысты Севастопæлæй. Цалдæр боны размæ Севастополь ногæй Уæрæсейы субъект кæй сси, ууыл бирæтæ бацин кодтой. Ныр сæ бон уыдзæн сæ хæстæджыты ингæнтæ бабæрæг кæнын. Ирыстоны цæрджытæй Суаргомы хъахъхъæнджыты нæмттæ рох не сты. Æмæ сын сæ номыл аразынц мысæн мадзæлттæ.

Ам, Майрæмадагмæ бацæуæны, 1942 азы цы хæстытæ цыдысты, уыдон никуы ферох уыдзысты, нæдæр йæ архайджытæй, нæдæр сæ удтæ кæй рæсугъд фидæныл нæ бавгъау кодтой, уыцы кæстæрты.

Уыцы фæззыгон бонты Суаргом бахъахъхъæнынмæ ирыстойнаг лæппуты фарсмæ æрбалæууыдысты денджызон училищæты курсанттæ.

Уыдысты 200-йы бæрц. Хъыгагæн, дзы 12 сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Фæлæ хæрзæрыгон лæппуты нæмттæ цæргæйæ баззадысты. Сызгъæрин дамгъæтæй фыст сты историйы æмæ Майрæмададжы Намысы аллейæйы мемориалыл.

Джериаты Фатимæ, Суаргомы хъахъхъæнджыты номыл музейы сæргълæууæг: «Уыдон никуы ферох кæндзыстæм. Нæ кæстæртæн дæр сæ кой кæнæм. Зонгæ сæ кæнæм Фыдыбæстæйы хъæбатыртимæ. Æмæ цæмæй рох ма уой сæ сгуыхтдзинæдтæ, ууыл кусæм».

Денджызон фистæгæфсæддонты 34-æм хицæн æхсæн бригадæ фидаргонд æрцыд Азербайджаны. Йæ уæнгтæ уыдысты Ейскы, Севастополы, Хъаспийы æмæ Ленинграды дыууæ денджызон училищæты курсанттæ. Æдæппæтæй 400 бæрц. Сæ фылдæр уыдысты артиллеристтæ. Сæ хæцæнгæрзтæ дæр æвæрд уыдысты Суаргоммæ бацæуыны. Сæ фыццаградон хæс та уыд –фашитты дарддæр ма бауадзын. Фæскавказмæ, Бакуйы æмæ Грознайы нефты гуырæнтæм сын фæндаг ма раттын.

Джериаты Фатимæ, Суаргомы хъахъхъæнджыты номыл музейы сæргълæууæг: «17-10 азтæ йедæмæ сын нæ цыдис. Денджызон хæстонтæ уыдысты. Фæлæ сæхи куыд равдыстой, уый дæнцæгæн хæссинаг у се ппæтæн дæр. Бирæтæ дзы сæ туг ныккалдтой мах зæххыл. Не мзæххонтимæ иумæ хæцыдысты кæрæдзийы фарсмæ. Иумæ тох кодтой знæгтмæ. Чи дзы фæмард, уыдон ныгæд æрцыдысты нæ мемориалон уæлмæрды».

Цæгат Ирыстоны кæстæртæй дæр рох не сты уæды тохты хъайтартæ. Йæ хæстон ардхæрд чи нæ фехæлдта, уыдоны номæй номмæ хъуыды кæнынц.

17-æм мартъийы Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсейы субъекттæ куы систы – ууыл чи нæ бацин кодта, ахæм, æвæццæгæн, нæ разынд.

Годжысаты Амандæ, Майрæмададжы скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау: «Уæрæсе, Хъырым æмæ Севастополь кæй баиу сты, уый мæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Ам чи фæмард, уыдоны хæстæджытæн ныр сæ бон уыдзæн сæ ингæнтæм ссæуын».

Джериаты Фатимæ, Суаргомы хъахъхъæнджыты номыл музейы сæргълæууæг: «Хъырым æмæ Севастополь ногæй Уæрæсеимæ кæй бацыдысты, уый, æнæмæнг, хорз хъуыддаг у. Ам чи фæмард, уыдоны хиуæттæн бирæ азты сæ бон нæ уыд ардæм ссæуын, сæ ингæнтыл дидинджытæ æмæ сæ къух сæвæрын. Ныр зæрдæ дарæн ис æмæ сын бантысдзæн».

Ацы бонты Майрмæмададжы скъолайы ахуырдзаутæ фембæлдысты ветерантимæ. Æрысмысыдыты 1942 азы цаутæ. Дидинджытæ сæвæрдтой æдзард æрыгон æфсæддонты ингæнтыл. Æмæ сæ зæрдæ дарынц, иннæ хатт ардæм кæй æрбацæудзысты, Суаргом хъахъхъæнгæйæ йæ цард чи радта, уыцы лæппуты хæстæджытимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania