филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:43 вторник, 16 декабря 2025
29 апреля 2014, 18:05
Майы бæрæгбæтты æдасдзинадыл ныхас цыд, Мамсыраты Таймуразы разамындæй цы æмбырд ацыд, уым

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Артур Ахметханов фехъусын кодта, 30-æм апрелæй – 10 маймæ мидхъуыддæгты министрад кусдзæн карздæр фæткмæ гæсгæ. Ахæм уавæры сæ службæ æххæст кæндзысты æнæнхъæлæджы цауты министрады дæр.

Майы бæрæгбæтты æдасдзинадыл ныхас цыд, Мамсыраты Таймуразы разамындæй цы æмбырд ацыд, уым
Майы бæрæгбæтты æдасдзинадыл ныхас цыд, Мамсыраты Таймуразы разамындæй цы æмбырд ацыд, уым. Архайдтой дзы антитеррористон къамисы æмæ оперативон штабы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Артур Ахметханов фехъусын кодта, 30-æм апрелæй – 10 маймæ мидхъуыддæгты министрад кусдзæн карздæр фæткмæ гæсгæ. Ахæм уавæры сæ службæ æххæст кæндзысты æнæнхъæлæджы цауты министрады дæр.

1-æм майы профцæдисты æмæ политикон партиты регионалон хайæдты архайдæй Дзæуджыхъæуы ацæудзысты митингтæ. Уыцы бон хъахъхъæд цæудзысты адæмы цардæн ахсджиаг объекттæ. Пъæлицæйæгтимæ кусдзысты хъахъхъæнынады хи структурæтæ, хъазæхъхъæгтæ.

9-æм майы та уыдзæн æфсæддон парад. Сæйраг репетици ацæудзæн 7-æм майы. Парады архайдзæн танчыты къорд. 58-æм æфсады æмæ горæты администрацийæн бахæс кодтой, цæмæй уæззау техникæ цы уынгты ацæудзæн, уым арæзт æрцæуой асфальт бахъахъхъæныны мадзæлттæ. Æмбырды ма фехъусын кодтой: 9-æм майы Дзæуджыхъæуы базартæ нæ кусдзысты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania