филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 среда, 17 декабря 2025
20 марта 2018, 14:00
Макеттæ, плакаттæ, видеофыстытæ, стæй фæлтæрдджын дохтыры бæстон амынддзинæдтæ

Сылгоймагæн æппæты сæйрагдæр рæстæгмæ цæттæгæнгæйæ, йæхи куыд хъуамæ дара, йе ргом цæмæ здаха…

Макеттæ, плакаттæ, видеофыстытæ, стæй фæлтæрдджын дохтыры бæстон амынддзинæдтæ
Макеттæ, плакаттæ, видеофыстытæ, стæй фæлтæрдджын
дохтыры бæстон амынддзинæдтæ. Сылгоймагæн æппæты сæйрагдæр рæстæгмæ
цæттæгæнгæйæ, йæхи куыд хъуамæ дара, йе ргом цæмæ здаха… Æнхъæлцау
сылгоймæгтæн ахæм информацион цæттæдзинад дæтты фидар ныфс, æмæ
æууæнкдзинад. Ацы хъуыддагæн дзуаппдæттæг дохтыртæ нæ фæллайынц
фарстатæн дзуæппытæ дæттынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæзынц ног
технологитæ, кусынц паддзахадон программæтыл. Фæлæ дохтыры сыгъдæг
зæрдæ, æмæ цæстуарзон ныхас сылгоймагæн раттынц æгæрон ныфс.
Чысыл Амелия йæхи цæттæ кæны адæмы хсæнмæ йæ фыццаг рацыдмæ. Арæндоны цур æм æнхъæлмæ кæсынц йæ бирæ хæстæджытæ.
Афтæ
ног, æмæ зынаргъ адæймаг фæзыны бинонты хсæн. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы,
стыр æхсызгондзинад у. Фæлæ уыцы иу рæстæг ныййарæг суæвын кæй фæнды,
уыцы сылгоймæгтæм сæвзæры бирæ фарстатæ.
Мæнæ ацы кабинеты æнхъæлцау
сылгоймæгтæ фембæлынц арæх. Ам сын дохтыртæ фæамонынц арæндонмæ
бахауыны размæ цы хъуыддæгтæ зонын хъæуы, уыдон.
Макеттæ, плакаттæ,
видеофыстытæ, стæй æппæты сæйрагдæр фæлтæрдджын дохтыры бæстон
амынддзинæдтæ. Сылгоймагæн æппæты сæйрагдæр рæстæгмæ цæттæгæнгæйæ,
адæймаг йæхи куыд хъуамæ дара, йе ргом цæмæ здаха… Ахæм информацион
цæттæдзинад адæймагæн дæтты фидар ныфс, æмæ æууæнкдзинад.
Æмæ
сывæллон райгуырд. Фыццаг бузныджы ныхæстæ профессионалон дохтыртæн.
Уæлдай бузныг адæймаг вæййы, ацы бонмæ йæ чи цæттæ кодта, уыдонæн.
Ацы
бонты телефон иу минут дæр æнцад нæ лæууы. Зноны æвзонг чызгæн арфæтæ
кæнынц, мад кæй сси, уый тыххæй. Уый ныййарæджы фæндагæн у æрмæстдæр йæ
фыццаг къахдзæф. Фæлæ йын æнцойдзинад дæтты, иунæгæй кæй нæу, уый.

Æфсæнвæндаджы
рынчындоны сывæллæтты дохтыр Светлана Козлова нæ фæллайы фарстатæн
дзуæппытæ дæттынæй. Ноггуырдæн хæринаг кæд, æмæ цас дæттын хъæуы?
Ныннайын æй куыд хъæуы, стæй цавæр доны? Стæй æппын фæстаг, ноггуырдыл
раст куыд хæцын хъæуы?
Профессионалон æххуыс у ахадгæ. Кæй зæгъын æй
хъæуы, фылдæр кæнынц ног технологитæ, кусынц паддзахадон программæтыл.
Фæлæ дохтыры сыгъдæг зæрдæ, æмæ цæстуарзон ныхас сылгоймагæн раттынц
æгæрон ныфс. Балæвар сын кæнынц хиуыл æууæндыны æнкъарæнтæ.

Касаты Наирæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania