филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
02 марта 2022, 12:25
Максим Владимиров æмæ Дзанайты Барис æрныхас кодтой, президенты указтæ куыд æххæстгонд цæуынц ууыл

Ныхас цыди, куысты бынæттæ дæттыны федералон проект царды куыд æххæтгонд цæуы, ууыл

Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров æмæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис æрныхас кодтой, Президенты Указтæ куыд æххæстгонд цæуынц ууыл, национ нысантæ æмæ 2024-æм азмæ бæстæйы райрæзты стратегион нысантыл. Ныхас цыди, куысты бынæттæ дæттыны федералон проект царды куыд æххæтгонд цæуы, ууыл. Уымæй уæлдай, стыр æргом аздæхтой сывæллæтты æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ, уыимæ сывæллæттæн медицинон æххуыс кæныны нырыккон инфраструктурæйы арæзтадмæ. Ахсджиаг хæстæй иу – æнцонвадат скъолайы агъоммæйы ахуырад. Фæстаг дыууæ азмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты фæзынди мин 5 сæдæ бынаты. Ацы аз ма хъуамæ байгом уа мин 3 сæдæ бынаты, уый, скъолайы агъоммæйы 8 куыстуаты.  Уыцы хъуыддæгтæн федералон æмæ регионалон бюджеттæй дихгонд æрцыди миллиард æмæ *рдæг. Делегацийы сæйраг нысан у, бынаты сбæрæг кæнын, Президенты Указтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Ацы къуыри кусæг къорд бабæрæг кæндзæн сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады куыстуæттæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania