филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:51 вторник, 16 декабря 2025
02 апреля 2025, 10:48
Мамсыраты Дæбейы номыл республикон библиотекæйы райдыдта сывæллæтты чиныджы къуыри

Ацы хатт баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азимæ

Мамсыраты Дæбейы номыл республикон библиотекæйы райдыдта сывæллæтты чиныджы къуыри. Ацы хатт баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азимæ. Рæзгæ фæлтæрæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Уазæгуаты сæм æрбацыдысты театр «Саби»-йы артисттæ. Равдыстой сын хъæлдзæг спектакль. Алы бон дæр библиотекæйы уыдзæн ирд, цымыдисаг мадзæлттæ. Ныхасы бар Хъайтмазты Дзерассæйæн.

Компьютерон хъæзтытæм æмæ ма суанг мультфильмтæм дæр нæ. Абон сывæллæтты ргом здæхт у чингуытæм. Ацы равдысты чысыл не сты. Рæзгæ фæлтæрæн цымыдисаг сты æрмæст уарзон аргъæуттæ нæ, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст литературæ дæр.

Цалынмæ иутæ экспозицийы зонгæ чингуытæ агурынц, уæдмæ иннæтæ æнхъæлмæ кæсынц спектакльмæ. Уый дæр сывæллæттæн равдыстой, æрвылазон акци æххæстгæнгæйæ. Афтæ иу мадзал иннæмæй ивгæйæ, библиотекæ сси аргъаумæ балцы фæз.

Ацы аз мадзæлттæ баст сты Стыр Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азимæ. Акцийæн ацы темæ ахсджиаг у, уымæн æмæ сывæллæтты чиныджы къуыри фæзынд 1943-æм азы. Уæд номдзыд фысджыты уацмыстæ сывæллæттæн æрмæст ирхæфсæн фæрæз нæ уыдысты, фæлæ æцæг уды хос.

Кинонывты равдыст, хъазæн программæтæ, зонадон сахаттæ… Бирæ мадзæлттæ нысангонд ис. Уыдонæй иуы рæзгæ фæлтæры базонгæ кæндзысты, ирон фысджытæй сывæллæттæн чи фыста, уыдоны сфæлдыстадимæ.

Сывæллæттæн цымыдисаг мадзæлтæ библиотекæйы арæзт цæудзысты алы бон дæр 5 апрелы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania