филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:27 суббота, 06 декабря 2025
31 января 2025, 10:38
Мамсыраты Хаджумары номхæссæг Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайы арæзт æрцыд митинг, æмæ баст уыд Сталинграды тохы Уæлахизы бонимæ

Патриотон акцийы архайдтой 4-æм æмæ 9-æм кълæсты ахуырдзаутæ

Мамсыраты Хаджумары номхæссæг Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайы арæзт æрцыд митинг, æмæ баст уыд Сталинграды тохы Уæлахизы бонимæ. Патриотон акцийы архайдтой 4-æм æмæ 9-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Сывæллæттæн радзырдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты егъаудæр тохы тыххæй. Цыди 200 боны. Мадзалы кадджын уазджытæ систы ветеранты Советы минæвæрттæ, хъазахъхъæгтæ æмæ Адæмон фронты фæсивæдон къорды уæнгтæ. Скъолайы ма равæрдтой цымыдисаг равдыст фронты киноазфыстæй. Архивон къамтæ æмæ документтæ активонæй агуырдтой скъоладзаутæ сæхæдæг дæр. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты аз ахæм патриотон мадзæлттæм цæудзæн уæлдай фылдæр æргом здæхт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania