Хæсты зындзинæдтæ йæхиуыл чи нæ бавзæрста, уыдонæн зын бамбарæн у, хæстонтæ цы зындзинæдты сæрты ахызтысты, уый. Уазал, æххормаг, судзгæ хур æмæ къæвдайы бын тырныдтой размæ.
Ирыстоны фæсивæд хæсты быдырты цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уымæн бирæ æвдисæнтæ ис. Се хсæн уыд Мамсыраты Ислам æмæ радзырдта йæ хæстон фæндæгты тыххæй.
Фыдыбæстæйы хæсты æмæ Сырх Стъалыйы ордентæ, «Ирыстоны намысы», «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» æмæ Жуковы майдантæ… Æртæазыдзыд Давид цымыдисæй кæсы йæ хæстон дадайы хæрзиуджытæм. Уæвгæ, Мамсыраты Исламы æфсæддон уæлæдарæс хæрзиуджытæй нæ зыны. Алкæуыл дæр дзы хæсты быдыры калдта йæ туг, алкæцы дæр ын у зынаргъ, алкæмæн дæр дзы ис йæхи аргъ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд уыд хæрзæрыгон лæппу.
Мамсыраты Ислам, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Училищæ каст куы фæдæн уæд нæ арвыстой Закавказский округмæ. Æмæ уым æнхъæлмæ кастыстæм кæдæм нæ арвитдзысты, уымæ. Æмæ уым куыд уыдыстæм, афтæ йæ базыдтам хæст райдыдта, зæгъгæ».
Гитлеры æфсæдтæ апырх сты æгас дунейыл. Алы бæстæты дæр семæ кодтой карз тох. Уæлдайдæр та советон æфсæдтæ. Мамсыраты Исламы хæстон фæндæгтæ дæр бирæ уыдысты. Югослави, Румыни, Молдави, Венгри – кæмфæнды куы уыдаид, уæддæр йæ зæрдыл дардта, Ирыстоны хъæбул кæй у. Никуы дзы ферох, хъазуатон мыггаджы минæвар кæй у, уый дæр. Уыцы хъуыды йын лæвæрдта æгæрон тых. Цалдæр хатты фæцæф, фæлæ-иу уæддæр ацыд хæсты быдырмæ.
Мамсыраты Ислам, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Бахаудыстæм Украинæмæ, Винницамæ. Уым не фсæддон хайад хъуамæ иу ранней иннæмæ раивтаиккой æмæ æнхъæлмæ кастытстæм поездмæ. Æмæ уалынмæ райхъуыст, зæгъæ хæст фæци. Бæстæ гæрах сси. Иууылдæр æхсын райдыдтой, кæмæ цы уыд, уыцы хæцæнгарзæй. Иууылдæр цин кæнынц. Кæрæдзийæн хъæбыстæ».
Хæсты кой кæнын нæ уарзы… Зын у уыцы цаутæ мысын. Уæлахизы боны та цин дæр фæкæны, иннæмæй та, чи нал сыздæхт, уыцы æмбæлтты æрымысгæйæ, йæ цæссыг бауромын нæ вæййы. Æмæ та йæм уæд йæ цоты цоты кæстæр цымыдисæй скæсы. Сывæллон æй нæма æмбыры, Уæлахизæн цавæр аргъ бафыстой йæ дада æмæ йе мбæлттæ, уый. Цас туг ныккалд уыцы сау бонты. Фæлæ йæ, æнæмæнг, базондзæн. Уымæн æмæ у нæ иумæйаг Уæлазиз. Нæ иумæйаг рыст. Æмæ йæ рох кæнæн нæй. Хæсты ветерантæ та – уыцы Уæлахизы салдæтты сты уый аккаг, цæмæй сæ фæдонтæ зоной сæ хистæрты, дуне фашисттæй чи суæгъд кодта, уыдоны хъæбатырдзинады тыххæй.




