2-æм февралы Волгограды бæрæг кодтой, горæт фашисттæй куы суæгъд, уый 70 азы бон. Кадджын мадзалмæ ацыд нæ республикæйы делегаци дæр.
Сталинграды æгъатыр тохæн дунеон историйы æмбал нæй. Ирыстонæй дзы чи архайдта, уыдонæй ма ис 37. 2-æм февралы Сталинграды бæрæг кодтой, горæт фашисттæй куы суæгъд, уый 70 азы бон. Кадджын мадзалмæ ацыд нæ республикæйы делегаци дæр, се ‘хсæн, уыцы тохы чи хæцыд, ахæм дыууæ ветераны Магкæты Исрафил æмæ Владимир Науменко. Магкæты Исрафил хæсты фæстæ цы Сталинград хъуыды кæны, уыцы горæт ныртæккæ цæхгæр аивта.
Магкæты Исрафил, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Сталинграды ахæм юбилейты уыдтæн цыппар хатты. Афтæ мæм кæсы, цымæ азæй-азмæ горæт рæсугъддæр кæны. Уæдæ дзы ацы хатт цы федтон уый ма дисы тынг бафтыдта. Музейы хуылфы ахæм панорамæ скодтой, раст хæсты рæстæг цыма у, афтæ. Уым уæвгæйæ мæ хæстон фæндæгтæ тынгдæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты.Хистæрæй кæстæрæй ныл чи нæ бацин кодта, ахæм нæ уыд. Сталинград ногæй Сталинград кæй суыдзæн уый дæр нæ уырны».
Ветерантæ радзырдтой, куыд зæрдиагæй сæ федтой уым, уый тыххæй. Уæлдай æхсызгон сын уыд, не мзæххон Бæрæзгаты Харитоны хъæбатырдзинæдты тыххæй фехъусын, йæ ингæны цур алæууын. Ирыстоны Харитон нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Фембæлды рæстæг ветеранты мысинæгтæм цымыдисæй хъуыстой кадетты корпусы ахуырдзаутæ. Делегацийы архайджытæ раарфæ кодтой республикæйы сæргълæууæгæн, Сталинградмæ ацæуынмæ сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Уыцы тохы архайджытæй сæ фылдæрæн се ‘нæниздзинад хъыгдард кæй у, уымæ гæсгæ Мамсыраты Таймуразимæ фембæлдмæ сæ бон æрбацæуын баци æрмæстдæр 11-æн. Кадджын мадзалы республикæйы сæргълæууæг хæствæллад хистæртæн загъта бузныг сæ хъæбатырдзинады тыххæй æмæ сын ракодта лæвæрттæ.
Ветерантæн алы ахæм фембæлд дæр тынг зынаргъ у. Фæхъуыды йæ кæнынц сæ хæстон æмбæлттау.
Магкæты Исрафил, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Мæ хæстон æмбæлттæй æрымысын командир пулеметного взвода Аркадийы. Уый йæ цард радта мæн бахъахъхъæнгæйæ. Куыдæй?Рудзынгæй биноклтæй немыцы рдæм кастан æмæ мæм дзуры: «ратт сæ мæнмæ дæр», зæгъгæ. Куыддæр сæ йæ къухтæм райста, афтæ йæ тæрныхы астау нæмыг фæцис».
Тынг бирæ адæм баззад уыцы тохы быдыры. Хъыгагæн, уæды рæстæджы цауты удæгас æвдисæнтæ бирæ нал сты… Сæ риутыл цы хæрзиуджытæ ис, уыдоны тæмæн абон дæр нæ мынæг кæны. Фæлæ се стырдæр хæрзиуæг та уаид, сæ туджы `ртах кæй номыл не `вгъау кодтой, уыдон сæ куы нæ рох кæниккой. Нæдæр ныртæккæ, нæдæр сомбоны… Уыцы хъуыды кæстæртæм фембæлды хæццæ кодта нæ республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз дæр.
Сосранты Жаннæ




