филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:15 воскресенье, 19 мая 2024
19 декабря 2013, 11:10
Мамсыраты Таймураз Цæгат Кавказы иннæ субъектты разамонджытимæ информацион агентад ИТАР-ТАСС-ы пресс-центры дзуæппытæ радта журналистты фæрстытæн

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг гæды ныхасыл банымадта, йæ куыстæй æмгъуыдæй раздæр ацæуынмæ кæй хъавы, уый. Куыд загъта, афтæмæй æххæст кæны бæстæйы президенты æмæ парламенты бардзырдтæ.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг гæды ныхасыл банымадта, йæ куыстæй æмгъуыдæй раздæр ацæуынмæ кæй хъавы, уый. Куыд загъта, афтæмæй æххæст кæны бæстæйы президенты æмæ парламенты бардзырдтæ. Æмæ йын республикæйæн разамынд дæттыны хæс у 2015-æм азмæ.

Мамсыраты Таймураз йæ хъуыдытæ загъта, компани «РусГидро»-йы сæргълæууæг Евгений Доды интервьюйы тыххæй дæр. Радта йæ газет «КоммерсантЪ»-æн, æмæ дзы радзырдта футболон клуб «Алани»-имæ æмгуыстады тыххæй. «Абон æз мыхуыры фæрæзты бакастæн «РусГидро»-йы разамынды хъуыдыты тыххæй. Бафиппайæн ис, цæхгæр сæ кæй аивтой, уый. Уымæн æмæ раздæр æндæр ныхæстæ хъуыстам. Бузныг дæн Виталий Муткойæ æмæ Уæрæсейы футболон цæдисы разамындæй – стыр куыст бакодтой. Æз мæхæдæг дæр архайдзæн, «Алани»-йы фарста, куыд æмбæлы, афтæ лыггонд куыд æрцæуа, ууыл» – загъта Мæскуыйы пресс-конференцийы Мамсыраты Таймураз.

Арфæ ма ракодта футболисттæн æмæ тренертæн, фæстаг хæттыты иттæг хорз хъазт кæй æвдыстой, уый тыххæй, кæд æмæ сын мызд нæ фыстой, уæддæр.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, «РусГидро»-йы сæргълæууæг Евгений Дод карзæй загъта, «Алани»-имæ кусынæн сæ компанимæ æхца кæй нæй, æмæ сæ фæндгæ дæр кæй нæ кæны, уый тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania