филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:51 среда, 26 июня 2024
25 июля 2014, 11:43
Мамыкъаты Тамарæ бирæ азты æмбырд кæны алы адæмы къахыдарæс. Йæ коллекцийы ис 500 башмахъхъæй фылдæр

Алыхуызон цымыдисаг къахыдарæс фенæн ис Дзæуджыхъæуы хæдзæрттæй иуы. Фондз сæдæ экспонатæй фылдæр конд сты сæракæй, фарфорæй æмæ хъуымацæй. Алкæцыйæн дæр дзы ис йæхи истори.

73508
Алыхуызон цымыдисаг къахыдарæс фенæн ис Дзæуджыхъæуы хæдзæрттæй иуы. Фондз сæдæ экспонатæй фылдæр конд сты сæракæй, фарфорæй æмæ хъуымацæй. Алкæцыйæн дæр дзы ис йæхи истори. Æрмдæсны Мамыкъаты Тамарæ йæ æмбаргæ дæр нæ бакодта, рагон æмæ нырыккон сувенирон къахыдарæс æмбырд кæнын куыд райдыдта, уый. Æххуыс та йын кæнынц йæ зонгæтæ æмæ хиуæттæ. Зонынц æй, æхсызгондæр лæвар ын кæй не бакæндзысты, уый.

500 башмахъхъæй фылдæр. Æмæ иууылдæр алыхуызон, хицæн кæнынц кæрæдзийæ, алчидæр дзы у цымыдисаг. Сæракæй æмæ фарфорæй. Украинаг къогъодзитæ, венгриаг чысыл къалостæ. Æвзаргæ англисаг æмæ модæйы домæнтæм гæсгæ конд французаг къахыдарæс, киргизаг цырыхъхъытæ, индиаг дзабыртæ æмæ æндæртæ… Фæлæ сæ адæмы къæхтыл ничи фендзæн, иууылдæр сты сувениртæ.

Мамыкъаты Тамарæ сæ æмбырд кæнын куыд райдыдта, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста. Ныр хъазгæйæ, йæхи хоны къахыдарæсы фабричы хицау.

Мамыкъаты Тамарæ, коллекционер: «Ахæм сувениртæм цымыдисдзинад мæм фæзынд, фæскомцæдисон ма куы уыдтæн, уæд. Рæстæг рацыд, ныр кусын спортивон комплексы хицауы хæдивæг æмæ цал спортсменимæ фембæлын, иууылдæр мын сласынц ахæм дзабыртæ. Нæ хъомылгæнинæгтæ дæр афтæ. Куыд мæм фæзындысты, куыд сыл фæцахуыр дæн, уый мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон. Ныр сæм куы æркæсын, уæд сыл цин дæр кæнын, куыд бирæ сты, ууыл дæр дис кæнын. Фæлæ дзы алкæй дæр уарзын, алчидæр мын дзы у зынаргъ. Стæй мæм афтæ кæсы, цыма мæм цал башмахъхъы ис, уыл адæймагимæ зонгæ дæн. Уал бæстæты уыдтæн, афтæ».

Золушкæйы зынаргъ авгæй конд туфли, гуырдзиаг хипсураг башмахъ, къухы ныхы йас спортивон кедтæ….. Тамарæйы коллекци азæй-азмæ фылдæр кæны. Сылгоймаг арæх вæййы иннæ бæстæты, уарзы балцыты цæуын — æмæ алы хатт дæр ног сувениртæ æнæсласгæ нæ фæвæййы.

Йæ экспонатты схонæн ис историон дæр. Уымæн æмæ дзы баиу сты алы æнусты æмæ культурæты æвдисæнтæ. Се ппæт дæр æнæбадисгæнгæ нæ фæуыдзысты Людовик 14-æм рæстæджы ботильонтыл, рухсгæнæн фонар-башмахътæ, зынгхос æмæ æвгты сæртæ гомгæнæн дзабыртæ.

Иу ныхасæй йæ коллекци у дунейы географи. Йæ бирæ зонгæтæн æмæ æрдхæрдтæн дæр æнæзонгæ нæу йæ цымыдисдзинад æнахуыр дзабыртæм. Æмæ йын лæвæрттæ сласынц алы бæстæтæй.

Коллекци фенгйæйæ та алчидæр, цыма йæ сабибонтæм раздæхы, афтæ вæййы. Æмæ сын цыма алы башмахъхъ дæр йæ сусæгдзинæдтæ радзуры, афтæ сæм фæкæсы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania